7 Мӕгуыр лӕг йе ’фсымӕртӕн дӕр — ӕнӕуынон, йе ’мбӕлттӕ дзы сӕхи хизынц: куы сӕм фӕсиды, уӕд ӕрбайсӕфынц.
Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
Йӕ азымы тыххӕй Ды адӕймаджы бафхӕрыс, зынаргъ ын цы у, уый рӕмпӕг фестын кӕныс. Адӕймаг фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.
Сӕ тых ӕмӕ сӕ кад Ды дӕ, Дӕ хорзӕхы фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм.
Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.
Хъӕздыгӕн йӕ исбон — фидар мӕсыг, мӕгуыр лӕгӕн йӕ мӕгуырдзинад — йе сӕфт.
Мӕгуыр лӕгыл йӕ хион дӕр былысчъилтӕ кӕны, хъӕздыгӕн бирӕ ’рдхӕрдтӕ ис.
Йӕхицӕн бинойнаг чи ссардта, уый — фӕрнджын, Дунедарӕджы хорзӕхӕй схайджын ис.
Хъӕздыгдзинад ӕрдхӕрдты нымӕц фӕфылдӕр кӕны, мӕгуыр лӕджы та йӕ лымӕн дӕр ныууадзы.
Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн.
Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.
Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг?