Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 19:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе ’рдхорд у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 19:6
14 Iomraidhean Croise  

Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ цагъар Йаков йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара».


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Ӕфсымӕртӕ ӕрцӕттӕ кодтой хуынтӕ, райстой дыууӕ хатты фылдӕр ӕвзист ӕмӕ семӕ акодтой Бениамины дӕр. Мысырмӕ куы ныццыдысты, уӕд Йосефы раз ӕрлӕууыдысты.


Дунедарӕг Хуыцау немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.


Паддзахӕн йӕ рухс цӕстӕнгасы — цард, йӕ хӕрзаудӕн — уалдзыгон тӕрккъӕвда.


Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.


Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы, куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад.


Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.


Сусӕг лӕвар маст басабыр кӕны, фӕччийы бын цы гӕртам ӕмбӕхст ис, уый хъӕхъхъаг маст дӕр бауромы.


Бирӕтӕ бӕллынц бӕстӕйы хицауы хорз зӕрдӕйы ахастмӕ, фӕлӕ адӕймагӕн Дунедарӕг у тӕрхонгӕнӕг.


Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.


Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan