25 Ӕдзӕсгомӕн куы бауайдзӕф кӕнай, уӕд ӕнӕхинтӕ раст зондмӕ раздӕхдзысты; зондджынӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ ма йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн.
Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»
Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой, уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты, ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,
Ӕдылы йӕ фыды зондамынд ницӕмӕ дары, уайдзӕфтӕм лӕмбынӕг чи хъусы, уый зондджын у.
Зондджыны уайдзӕф куыд фӕрӕхойдзӕн, афтӕ зондцухмӕ сӕдӕ цӕфы нӕ бахъардзысты.
Ӕдзӕсгомы куы бафхӕрай, уӕд ӕнӕхинтӕ фӕзондджындӕр уыдзысты; куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл бафтдзӕнис.
Ӕдзӕсгомӕн зонд чи амона, уый йӕхи сӕгад кӕндзӕн; ӕнӕхуыцауы азымджын чи кӕна, уый йӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн.
Ӕгас Израил фехъусдзысты уыцы хабар, тас сыл бахӕцдзӕн, ӕмӕ ахӕм ми ничиуал бакӕндзӕн уе ’хсӕн.
Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе ’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты.
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.