Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 19:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Адӕмы ’хсӕн иузӕрдыгдзинад кадджын у; мӕгуыр лӕг фӕлитойӕ — хуыздӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 19:22
14 Iomraidhean Croise  

Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


фӕлӕ йын Дунедарӕг загъта: „Мӕ номыл Кувӕндон саразинаг кӕй дӕ, уый Мын ӕхсызгон у,


Йӕ хӕлӕртты кӕйдӕр амӕттаг чи бакӕна — йӕ хъӕбултӕн сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн.


Фӕлӕ мӕныл ме ’фсымӕртӕ тагъд донау сӕ зӕрдӕ сивтой, уалдзыгон донвӕдау раив-баив кӕнынц.


Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.


Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг ӕдылы фӕлитойӕ — хуыздӕр.


Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.


Дунедарӕгӕй тас цардмӕ кӕны, уыцы тасӕй йемыдзаг чи у, уый фынӕй кӕны ӕнӕмӕтӕй, фыдбылыз ӕм нӕ баххӕсдзӕн.


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan