21 Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.
Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.
Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.
Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.
Фӕлӕ чи рацӕудзӕн Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ? Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны.
Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн, мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ.
Дӕ нывондхӕссӕнты алыварс суанг сырддонцъиутӕ ӕмӕ зӕрватыччытӕ дӕр сӕ лӕппынтӕн ахстӕттӕ куы аразынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!
Дунедарӕг уарзы хӕларзӕрдӕ адӕймаджы, мӕнгарды та Йӕ азар баййафы.
Адӕймаджы зӕрдӕ фӕндтӕ кӕны, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр дзуапп Дунедарӕгӕй рацӕуы.
Адӕймаг хъуыды кӕны йӕ царды фӕндагыл, фӕлӕ йын йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы.
Адӕмы ’хсӕн иузӕрдыгдзинад кадджын у; мӕгуыр лӕг фӕлитойӕ — хуыздӕр.
Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.
Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.
Иу хъуыддаг бамбӕрстон: Хуыцау адӕймаджы хуымӕтӕгӕй сфӕлдыста, фӕлӕ адӕм алцыдӕр райдыдтой сӕхи барӕнтӕй барын.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг басомы кодта: «Ӕз сараздзынӕн, цы сфӕнд кодтон, уый. Цы тӕрхон рахастон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.
Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.
Мӕнӕ уын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы зӕххыл уӕ кӕй бафхӕрдзынӕн, уый нысан. Зонут: Мӕ ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты уӕ фыдбылызӕн.
Сымах дзурут, цӕй ӕмӕ муртаттӕгтау, ӕндӕрбӕстаг адӕмтау, хъӕдтӕм ӕмӕ дуртӕм кувӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕ хъуыдыйы цы ис, уый уӕ къухы ницы хуызы бафтдзӕн!
Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,
ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.
Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй.