17 Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
Йӕ фысӕн та йын хъуамӕ цыппар аргъы бафида, уыцы ми кӕй бакодта ӕмӕ йын кӕй нӕ фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй».
Саг суадонмӕ куыд фӕтырны, афтӕ мӕ уд тырны Дӕумӕ, Хуыцау!
Уӕдӕ ӕз дзӕгъӕлы архайдтон сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрыныл, мӕ къухтӕ ӕназымӕй дарыныл?
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йӕ хъиамӕт ӕм хӕрзиуӕджы хуызы раздӕхы.
Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.
Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
Хӕларзӕрдӕ адӕймаг арфӕгонд уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуыр лӕгӕн хай ратты.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.
Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.
Дӕ исбон цӕугӕдоны ауадз, дзӕвгар рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ӕй ногӕй ссардзынӕ.
Цы дӕм ис, уый авд дихы акӕн ӕмӕ дӕ исбон алыхуызон авд хъуыддаджы бавӕр — зӕххыл ӕвзӕрӕй кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны.
Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.
Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».
Хуымгӕрдӕнты афон дын быдыры куырис куы аззайа, уӕд ӕм фӕстӕмӕ ма здӕх — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр кӕнӕ сидзӕргӕсы хай фӕуа. Уыйхыгъд дӕуӕн та дӕ къухты фӕллой арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.
Ӕз уын уый хуынтӕ уӕ бацагурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй уӕхицӕн фылдӕр ӕфтиаг уа.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.