16 Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, йӕ цардвӕндагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уый та фесӕфдзӕн.
Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.
Хӕхты рӕгътӕ — сычъиты цӕрӕн, къӕдзӕхты скъуыдтӕ — даманы бынат.
Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхи сафы, фӕлӕ фӕдзӕхстӕн аргъ чи кӕны, уый йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн.
Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхицӕн знаггад ракӕндзӕн; уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый йӕ зондыл ӕфтауы.
Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы; йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры.
Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл ис, уый мӕрдты ’хсӕн йӕ бынат ссардзӕн.
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕхи фыдбылызтӕй хъахъхъӕны.
Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ, йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
Пехуымпартӕ рагуацтӕ куынӕуал фӕуынынц, уӕд адӕм, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнынц; Хуыцауы ’гъдау чи ӕххӕст кӕны, уый тӕхудиаг у.
Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —
Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.
Паддзахы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый фыдбылызӕй хызт у; куырыхон, цы кӕнын хъӕуы, уый фӕзоны.
Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“.
Сыкъауадындзы хъӕр фехъуыста, фӕлӕ йӕхи нӕ бахызта, уымӕ гӕсгӕ йӕ тугныккалды азымджын йӕхӕдӕг уыдзӕн. Йӕхи чи бахиза, уый та йӕ уд фервӕзын кӕндзӕн.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Йесо йын загъта: «Раст дзуапп радтай. Афтӕ кӕн ӕмӕ мыггагмӕ цӕрдзынӕ».
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.
Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у — ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг.
Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.
Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.