15 Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.
Фыдӕвзаджы ныхӕстӕ адджинаджы хуызӕн адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.
Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы, фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын зивӕг кӕны.
Кӕд фынӕй кӕнын уарзыс, уӕд мӕгуырмӕ ’рцӕудзынӕ, дӕ цӕстытӕ ма бацъынд кӕн ӕмӕ ӕфсӕст уыдзынӕ.
Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай! Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!»
уымӕн ӕмӕ расыггӕнаг ӕмӕ гуыбындзӕл мӕгуырмӕ ’рцӕудзысты, дӕ зивӕджы тыххӕй бызгъуырты цӕудзынӕ.
иу чысыл афынӕй кӕндзынӕ, чысыл арӕдзӕ-мӕдзӕ кӕндзынӕ, иу чысыл ницы кусгӕйӕ абаддзынӕ,
Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ цӕст дары, ӕвдӕлонӕй къӕбӕр нӕ хӕры.
уӕд дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕнис мӕгуырдзинад, абырӕгау ӕрбацӕудзӕни гӕвз.
Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.
Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».
Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд».