Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 19:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 19:14
12 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕдӕг дӕр бануаз, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый“.


Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр — ӕвзаджы дӕлбар, йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уый йын йӕ дыргъты ад базондзӕн.


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Ныр цӕттӕ дӕн ӕртыккаг хатт сымахмӕ цӕуынмӕ, ӕмӕ уӕ нӕ батыхсын кӕндзынӕн. Мӕн уӕ мулк нӕ хъӕуы — уӕхӕдӕг мӕ хъӕут. Хъуамӕ ныййарджытӕн бынтӕ сӕ хъӕбултӕ ма кӕной, фӕлӕ хъӕбултӕн — сӕ ныййарджытӕ.


уӕд, йӕ фырттӕн йӕ бынтӕ уаргӕйӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхъулон кӕнӕд ӕмӕ, кӕй уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхистӕр кӕнӕд.


Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.


Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста. Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan