11 Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Израилы дӕттӕй Дамаскы дӕттӕ Амана ӕмӕ Парпар бирӕ хуыздӕр куы сты, уӕд мӕ чи нӕ уагъта мӕхи уым цынайын ӕмӕ ссыгъдӕг уын?» Ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй йе ’ргом азылдта, хъуамӕ уыйадыл йӕ хӕдзармӕ аздӕхтаид.
Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны, ӕууӕнкджын адӕймаг — ӕдзӕм.
Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.
Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.
Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.
Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.
Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.
Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!» Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.
Хъаугъатӕй йӕхи дард чи ласы, уымӕн уый — кады хос, алы зондцух та загъд къахынмӕ гӕппӕй лӕууы.
Кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ын дзул ратт, кӕд дойныйӕ мӕлы, уӕд ӕй донӕй бафсад.
Ӕдылы йӕ маст нӕ уромы, куырыхон та йӕхиуыл хӕцын зоны.
Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зындзинад уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.