10 Ӕдылыйыл нӕ фидауы фырхъӕздыгдзинад, цагъар ӕлдӕрттӕн хицау суа, уый та — уӕлдайдӕр.
Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»
Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.
Ӕдылыйыл хиппӕлой ныхӕстӕ нӕ фидауынц, уӕзданыл та — мӕнг ныхӕстӕ.
Сӕрдыгон мит куыд нӕ хъӕуы, хуымгӕрдӕн афон — къӕвда, зондцухӕн дӕр кад кӕнын афтӕ нӕ фидауы.
Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.
Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс.
Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.
Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры.
Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин — хъыгӕй.
Уӕд Авигеа сыздӕхти Навалмӕ. Уымӕн уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары уыди куывд, растдӕриддӕр паддзахы куывды хуызӕн. Навал дзӕбӕх бахъӕлдзӕг, барасыг, ӕмӕ йын Авигеа боны срухсмӕ ницы ской кодта.