8 [Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры, буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.]
Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.
Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ сафӕг, йӕ бырынкъ — йӕ ахсӕн хыз.
Фыдӕвзаджы ныхӕстӕ адджинаджы хуызӕн адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн.