7 Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ сафӕг, йӕ бырынкъ — йӕ ахсӕн хыз.
Фыдгӕнджыты къӕппӕджытӕй, сӕ ахсӕн хызтӕй мӕ бахиз!
Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.
Куырыхонтӕ хъахъхъӕнынц зонынад, ӕдылыйӕн та йе ’взаг йе сӕфт хӕстӕгдӕр кӕны.
Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст, дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у, уый та фыдбылызы бахаудзӕн.
Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн, рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн.
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, рӕузонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый йӕхи фесафдзӕн.
Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ ехс, куырыхоны та йе ’взаг хъахъхъӕны.
Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар.
[Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры, буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.]
Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас, дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ.
Куы йӕ ауыдта, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ехх, мӕ чызг, уый мын цы бакодтай! Сау бӕллӕхы мӕ куы баппӕрстай! Ӕз Дунедарӕгӕн дзырд радтон ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ сӕххӕст кӕнын нӕу!»