Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 18:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фыдгӕнӕгӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ рӕстуды раст тӕрхонӕй ӕнӕхай кӕнын хорз нӕу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 18:5
20 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.


О Хуыцау, ма у ӕнӕсым, ма лӕуу ӕнцад! ма у ӕнӕдзуапп, Хуыцау!


Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.


Мӕгуыр лӕгӕн дӕр тӕрхондоны фарсласӕн ма кӕн.


Раст ӕвзар дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры хъаст.


Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын, иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг.


Хорз нӕу ӕнаххосы ’фхӕрын кӕнӕ номджын лӕджы рӕстдзинады тыххӕй нӕмын.


Мӕнӕ ма ноджыдӕр куырыхонты ’мбисӕндтӕ: тӕрхондоны искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу.


Искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу, фӕлӕ адӕймаг иу къӕбӕры тыххӕй дӕр тӕригъӕд ракӕны.


цӕмӕй, куы барасыг уой, уӕд ма ферох кӕной Хуыцауы ’гъдау ӕмӕ мӕгуыр адӕмы раст тӕрхонӕй ӕнӕхай ма фӕкӕной.


Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.


Раст тӕрхонӕн нӕм йӕ кой дӕр нал ис, нӕ рӕстад фесӕфтам, фӕзы фӕкалди рӕстдзинад; ӕууӕнк цы у, уый нал зонӕм.


Раст тӕрхон ма сзыгъуыммӕ кӕн. Ма хъулон кӕн мӕгуыры ӕмӕ хъӕздыджы зӕрдӕ ма ’лхӕн — алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон кӕн.


Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах ӕлгъ кӕнут раст тӕрхоныл, растӕй цы ис, уый ныггалиутӕ кӕнут.


Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.


Уыйадыл Ӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты барвыстой Ироды фарсхӕцджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгады фӕткыл кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс.


Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan