Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 18:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Адӕймаджы ныхӕстӕ — арф доны ’нгӕс; уӕлзонды донгуырӕн цӕугӕдонау кӕлы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 18:4
11 Iomraidhean Croise  

Мӕргътӕн холыйӕн радтой Дӕ цагъарты мӕрдтӕ, хъӕддаг сырдтӕн — Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ.


Рӕстуды ӕвзаг — дзӕм-дзӕмы суадон, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.


[Мӕнгард фырт хорзӕй ницы ссардзӕн; ӕмбаргӕ цагъар йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын.]


Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар.


Фыдгӕнӕджы фӕдыл цӕуы ӕлгъ, ӕнаккаджы фӕдыл — худинаг.


Адӕймаджы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕйы денджызау арф сты, фӕлӕ сӕ зондджын раргом кӕны.


Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы.


Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».


Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.


Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan