Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 18:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фыдгӕнӕджы фӕдыл цӕуы ӕлгъ, ӕнаккаджы фӕдыл — худинаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 18:3
14 Iomraidhean Croise  

Фехъуысӕд дӕм, нӕ Хуыцау, сӕ къӕхты бын нӕ куыд кӕнынц, уый! Се ’лгъыстытӕ сын сӕхи сӕрыл ӕруадз, уацайраджы хал куыд ахӕрой ӕмӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕгадӕй сӕ бонтӕ куыд ӕрвитой!


Сӕрыстырдзинадӕн йӕ фӕдыл цӕуы худинаг, сӕрныллӕгдзинадӕн — уӕлзонд.


Рӕстудӕн мӕнг ныхас ӕнӕуынон у, ӕнӕхуыцау та йӕхи сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг кӕны.


Ӕдылы хъуыды кӕнын нӕ уарзы, фӕлӕ йын йӕхи зондджынхуызӕй равдисын йеддӕмӕ мацы ратт.


Адӕймаджы ныхӕстӕ — арф доны ’нгӕс; уӕлзонды донгуырӕн цӕугӕдонау кӕлы.


Ӕдзӕсгомы куы атӕрай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, загъд ӕмӕ ’лгъыст басабыр уыдзысты.


Ӕнӕхуыцӕуттӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд тӕригъӕд парахат кӕны, фӕлӕ сын рӕстудтӕ се сӕфт фендзысты.


Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ намысджын Уд — Хуыцауы Уд — уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.]


Ӕмӕ сын ныр сӕ хӕлд хъуыддӕгты цъымарайы кӕй нал ныгъуылут, уый сӕ ӕфтауы дисы ӕмӕ уыл цъыф калынц.


Саулӕн йӕ маст рафыхти Ионатанмӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Гъӕ мӕнӕ хъахбай сылы фырт! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕз нӕ зонын, Йессейы фыртимӕ лымӕн дӕ, уый? Худинаг уӕд дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ мадӕн дӕр!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan