Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 18:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй, хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 18:24
17 Iomraidhean Croise  

Куыд зын у ӕнӕ дӕу, ме ’фсымӕр Ионатан! Ды мӕ ахсджиаг уыдтӕ мӕнӕн; дӕ уарзт мын сылгоймаджы уарзтӕй зынаргъдӕр уыд.


Итай дзуапп радта паддзахӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ард хӕрын мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕй, мӕлӕтӕй царды ’хсӕн кӕмдӕриддӕр уай, уым дӕ цагъар дӕр уыдзӕни демӕ».


Авессалом Хушайӕн зӕгъы: «Афтӕ ӕнувыд дзы куынӕ уай дӕ лымӕныл! Цӕуылнӕ ацыдтӕ йемӕ?»


Давид, Саулы фырт Ионатанимӕ Дунедарӕджы раз цы ард бахордтой, уый йӕ зӕрдыл дардта ӕмӕ Ионатаны фырт Мефивошетыл бацауӕрста.


Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис; ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры, цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа.


Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.


Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.


Давид Саулимӕ куы ныхас кодта, уӕд Ионатаны зӕрдӕмӕ фӕцыди, йӕхи удау ӕй бауарзта.


Ионатан Давидӕй загъта ӕрдхорд, уымӕн ӕмӕ йӕ бауарзта йӕхи удау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan