Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 18:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Йӕхицӕн бинойнаг чи ссардта, уый — фӕрнджын, Дунедарӕджы хорзӕхӕй схайджын ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 18:23
18 Iomraidhean Croise  

«Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ,


Йосеф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ».


Ӕмӕ сын паддзах радта цӕхгӕр дзуапп. Хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта,


Ӕмӕ сын паддзах радта карз дзуапп. Хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта, фӕлӕ йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ адӕмӕн загъта:


Мӕ размӕ чи ралӕууа, уымӕн Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн. Арвы бын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты.


Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн».


Мӕгуыр лӕг йе ’фсымӕртӕн дӕр — ӕнӕуынон, йе ’мбӕлттӕ дзы сӕхи хизынц: куы сӕм фӕсиды, уӕд ӕрбайсӕфынц.


Хъӕздыг мӕгуыр лӕгӕн — йӕ хицау, хӕсджын та, хӕс кӕмӕй дары, уымӕн — йӕ цагъар.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.


Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу» кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз»,


Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг?


Хуымгӕрдджыты фӕстӕ цы ӕфсиртӕ аззайы, уыдон уидзыны бар ракуырдта. Ӕрбацыд ӕмӕ сӕумӕйӕ нырмӕ ӕнцой нӕ зоны».


Дӕ хӕдзаронтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕй-иу алчидӕр ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мӕ сауджыны раз ӕрзоныг кӕндзӕн ӕвзисты мур кӕнӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй ӕмӕ-иу ын зӕгъдзӕн: „Исты сауджынлӕггадыл мӕ бафтау, цӕмӕй мӕхицӕн къӕбӕр самал кӕнон“».


уӕд сын Навал ахӕм дзуапп радта: «Чи у Давид? Чи у Йессейы фырт? Сбирӕ сты абон, сӕ хицӕуттӕй чи алыгъд, ахӕм цагъартӕ.


Ныр ахъуыды кӕн, цы гӕнгӕ дын у, ууыл. Не ’лдар ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ фыдбылыз кӕсы, фӕлӕ фыдӕбоны лӕг у, ӕмӕ йӕм дзурӕн нӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan