22 Цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр — ӕвзаджы дӕлбар, йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уый йын йӕ дыргъты ад базондзӕн.
Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адамӕн хорз нӕу иунӕгӕй цӕрын. Сфӕлдисон ын йӕхи аккаг ӕххуысгӕнӕг».
Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл.
Йаков сразы ис, ӕмӕ чындзӕхсӕвы къуыри куы ахицӕн ис, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахелы.
Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.
Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.
уӕд схайджын уыдзынӕ Хуыцау ӕмӕ адӕмы хорзӕх ӕмӕ хӕрзаудӕнӕй.
Чи мӕ ссардта, уый схайджын ис цардӕй ӕмӕ Дунедарӕджы хорзӕх айсдзӕни.
Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг.
Йаков алыгъди Сиримӕ, ирӕды сӕрмӕ фыййауӕй фӕцыди Израил.
Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой.
Ноджы ма курын Махлоны усы, моаваг Руфы, дӕр, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, йӕ ном та йе ’рвадӕлты ӕмӕ сахары цӕрджыты ’хсӕн куыннӕ фесӕфа, афтӕ; абон мын сымах ӕвдисӕнтӕ фӕут».