21 Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.
Рӕстуды ӕвзагӕй уӕлзонд тӕдзы, фыд ӕвзаг та къуырд ӕрцӕудзӕнис.
Рӕстуды дыргъӕй царды бӕлас сырӕзы, куырыхон адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ ’лвасы.
Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн, рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн.
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕхи фыдбылызтӕй хъахъхъӕны.
Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Сымах бахуым кодтат тӕригъӕд ӕмӕ ӕркарстат фыддзинад, мӕнгдзинады дыргътӕ хордтат. Уымӕн ӕмӕ уӕхи фӕндыл, уӕ бирӕ хӕстонтыл дардтат уӕ зӕрдӕ.
Ӕмӕ йӕ кусджытӕ дӕр рӕстады кусджытӕй сӕхи куы февдисынц, уӕд уый, чи никуы ӕрцыд, ахӕм хабар нӕу. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕни сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та — царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?
Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.
Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.
Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты.