19 Хӕлттӕ куы сӕппарай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, дыууӕ тыхджын ныхмӕлӕууӕджы фӕйнӕрдӕм ацӕудзысты.
Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.
Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.
Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».
Израилы адӕм куы федтой, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цы ма нын ис иумӕйагӕй Йессейы фыртимӕ? Ныххӕлиу ут уӕ цатыртӕм, Израилы адӕм! Ныр сӕ мыггаг сӕхи бар уӕд Давиды байзӕддагӕн!» Ӕмӕ Израилы адӕм аздӕхтысты сӕ цатыртӕм.
Авийа йе ’фсадимӕ израилӕгтӕй бирӕты фӕцагъта, Израилы адӕмӕй тохы быдыры фӕмард ис фондзсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны.
Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.
Тӕрхондоны ныхасы бар фыццаг кӕмӕ ’рхауы, уый растдӕр фӕзыны, цалынмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг не ’рбацӕуы ӕмӕ йӕ не ’рфӕрсы, уӕдмӕ.
Тӕргай ӕфсымӕр — ӕнӕбаххӕсгӕ мӕсыг, хыл — кулдуары ӕвдузӕн.
мӕнгдзинадӕй чи улӕфы, уыцы мӕнгӕвдисӕн ӕмӕ дыууӕ ’фсымӕры кӕрӕдзиуыл ардауӕг.
Павел ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл Кипрмӕ ацыд.
Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ».