Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 18:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Тӕрхондоны ныхасы бар фыццаг кӕмӕ ’рхауы, уый растдӕр фӕзыны, цалынмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг не ’рбацӕуы ӕмӕ йӕ не ’рфӕрсы, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 18:18
10 Iomraidhean Croise  

Уыдон дӕр се ’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.


Мерарийы байзӕддӕгтӕм, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Рувим, Гад ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауди дыууадӕс сахары.


Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.


Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Лӕвӕрттӕ адӕймагӕн уӕрӕх фадӕттӕ байгом кӕнынц, стыр хицӕуттӕм ын фӕндаг раттынц.


Хӕлттӕ куы сӕппарай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, дыууӕ тыхджын ныхмӕлӕууӕджы фӕйнӕрдӕм ацӕудзысты.


Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ фараст хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн байуӕрстой, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ.


Саул Дунедарӕгмӕ скуывта: «Израилы Хуыцау! Дӕ цагъарӕн абон дзуапп цӕуылнӕ радтай? Кӕд азымджын ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатанӕй исчи у, уӕд, о Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, хӕлттӕй схауын кӕн „урим“, кӕд ӕмӕ азымджын Израилы адӕм сты, Дӕ адӕм, уӕд та — „туммим“». Схаудта Ионатан ӕмӕ Саулы хал, адӕм та ӕназым разындысты.


Саул загъта: «Ныр та ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатаны тыххӕй сӕппарут хӕлттӕ». Схаудта Ионатаны хал.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan