Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 18:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы, куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 18:16
10 Iomraidhean Croise  

Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ цагъар Йаков йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара».


Йаков дзуапп радта: «Нӕ, кӕд мыл ӕввӕрсыс, уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти.


Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.


Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг.


Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.


Лӕвӕрттӕ адӕймагӕн уӕрӕх фадӕттӕ байгом кӕнынц, стыр хицӕуттӕм ын фӕндаг раттынц.


Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе ’рдхорд у.


Сусӕг лӕвар маст басабыр кӕны, фӕччийы бын цы гӕртам ӕмбӕхст ис, уый хъӕхъхъаг маст дӕр бауромы.


Йессей хӕрӕгыл сӕвӕрдта дзултӕ, сӕны лалым, равзӕрста иу сӕныкк ӕмӕ сӕ йӕ фырт Давидимӕ Саулӕн арвыста.


Мӕнӕ дӕ цагъар ме ’лдарӕн цы лӕвӕрттӕ рахаста, уыдон. Ме ’лдары фӕсдзӕуинтӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕнт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan