15 Лӕг удвидар куы уа, уӕд йӕ буар дӕр низы ныхмӕ фидар уыдзӕн, фӕлӕ зӕрдӕсаст куы уа, уӕд ын хъару чи ратдзӕн?
Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»
Уыдон дын бацамонӕнт, уыдон дын радзурӕнт, уыдон дын зӕрдӕбынӕй зӕгъӕнт:
Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой, уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты, ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,
Куырыхонтӕ хъахъхъӕнынц зонынад, ӕдылыйӕн та йе ’взаг йе сӕфт хӕстӕгдӕр кӕны.
Зондджыны зӕрдӕ зонынадмӕ тырны, ӕдылы та йе ’дылы зондӕй ӕфсӕды.
Раст уайдзӕфтӕм чи хъусы, уый куырыхонтимӕ балымӕн уыдзӕн.
Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн.
Уӕлзонды хӕзнатӕ агур, зондагурӕг зил, цы дын загътон, уыдӕттӕ ма ферох кӕн, дӕхи сыл ма атигъ кӕн.
Куырыхон зонды райдиан — уӕлзонд агурӕг зилын, де ’ппӕт исбонӕй дӕр зонд балхӕн.
Куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн, раст адӕймаджы сахуыр кӕн, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн.
Марфӕйӕн уыди хо, йӕ ном — Мариа. Уый Йесойы дӕлфӕдтӕм сбадти ӕмӕ Йӕм лӕмбынӕг хъуыста.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау, кадджын Фыд, схайджын кӕнӕд уӕлзонды Удӕй сымах, цӕмӕй базонат Хуыцауы.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.