Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 17:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 17:8
19 Iomraidhean Croise  

дыууӕсӕдӕ сӕгъы, ссӕдз цӕуы, дыууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры,


Афтӕмӕй Йаков йӕ лӕвӕрттӕ разӕй арвыста, йӕхӕдӕг та ӕхсӕвы рӕсӕнуаты баззади.


Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.


Махӕн та ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ дын дӕ уӕлахизыл цин куыд кӕнӕм, нӕ Хуыцауы номыл бӕрзонд куыд сисӕм уӕлахизы тырыса! Дӕуӕн та Дунедарӕг дӕ курдиӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд!


Галты рӕгъау ӕртыхсти мӕ алыварс, Башаны хӕрзхаст галтӕ мыл ӕрхъула кодтой.


Мӕ уд мын ракодтай мӕрдтыбӕстӕй, райгас мӕ кодтай, ингӕнмӕ куыннӕ ныххизон, афтӕ.


Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты.


Ӕнӕхуыцау фӕччийы бынӕй гӕртӕмттӕ исы, цӕмӕй раст тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕна.


Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы, куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад.


Сусӕг лӕвар маст басабыр кӕны, фӕччийы бын цы гӕртам ӕмбӕхст ис, уый хъӕхъхъаг маст дӕр бауромы.


Искӕй ӕфхӕргӕйӕ, зондджын дӕр сӕдылы вӕййы; гӕртӕмттӕ лӕгӕн йӕ зонд сафынц.


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Ӕз зонын, цас фыдбылызтӕ ӕмӕ цас тӕригъӕдтӕ сарӕзтат, уый. Сымах рӕстгӕнджыты ӕфхӕрут, гӕртӕмттӕ исут, мӕгуыртӕн тӕрхондоны раст тӕрхон нӕ кӕнут.


Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.


Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.


Давид райста Авигеайы хӕссинӕгтӕ ӕмӕ йын загъта: «Фарнимӕ цу дӕ хӕдзармӕ. Ӕз дӕм байхъуыстон, сӕххӕст дын кодтон дӕ курдиат».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan