Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 17:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Зӕронд лӕгӕн йӕ кады худ — йӕ цоты цот, фырттӕ та кадджын сты сӕ фыдӕлтӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 17:6
12 Iomraidhean Croise  

Йосефӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй ма мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр фенын кодта».


Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.


Ӕцӕг дын, дӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, де ’гасӕй нӕ бакӕндзынӕн уыцы хъуыддаг. Дӕ паддзахдзинад дын ратондзынӕн дӕ фырты къухтӕй.


Фӕлӕ йын уӕддӕр Дунедарӕг Хуыцау йӕ паддзахы хӕдзарвӕндаджы цырагъ ахуыссын нӕ бауагъта, йӕ фӕстӕ йын паддзах скодта йӕ фырты ӕмӕ бахъахъхъӕдта Йерусалим. Уыдӕттӕ бакодта Давиды сӕр нымайгӕйӕ,


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.


— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan