Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 17:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 17:5
13 Iomraidhean Croise  

Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн, искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?


Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.


Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.


Дунедарӕгӕн ӕнӕввӕрсон зӕрдӕ ӕлгъаг у, ӕнӕ ’фхӕрдӕй йӕ, бӕлвырд, нӕ ныууадздзӕн.


Зоныс ӕй, ӕз Дӕумӕ фыййауӕй кусынмӕ нӕ бӕллыдтӕн, бӕллӕхы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кастӕн. Мӕ дзыхӕй цы ссыди, уыдӕттӕ Дын ӕргом сты.


Аммонӕгты фӕдонтӕн зӕгъ: „Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ! Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи ис, Израилы зӕхх кӕй ныггӕныстон ӕмӕ иудейӕгтӕ хаст кӕй ӕрцыдысты, уыдӕттыл уӕхи худӕгӕй кӕй хӕссут,


Де ’фсымӕр Йаковы кӕй ӕфхӕрдтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, сыскъуыйдзынӕ мыггагмӕ.


Сымах Мӕ уаз хохыл куыд нуӕзтат, афтӕ ’ппӕт адӕмтӕ дӕр масты кӕхц нуаздзысты, фырнызтӕй ныррасыг уыдзысты, ӕмӕ зӕххыл сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan