4 Фыдлӕг фыдгӕнӕджы ныхӕстӕм лӕмбынӕг хъусы, фӕлитой йӕ хъус дары зианхӕссӕг ӕвзагмӕ.
Ӕнӕхуыцӕутты амӕттаг мӕ бакодта Хуыцау, ӕнаккӕгты къухтӕм мӕ радта.
Ӕнӕхин алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, фӕлӕ зондджын йӕ къахдзӕфтӕм лӕмбынӕг кӕсы.
Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта, уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц, фӕлӕ, Хуыцауы ’гъдау чи хъахъхъӕны, уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.
Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц, мауал, дам, дзурут рагуацтӕ, пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут рагацау рӕстдзинад, кӕнут нын козбау ныхӕстӕ, дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Уыдон дунейӕ сты ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы.