Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 17:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 17:3
21 Iomraidhean Croise  

Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


Фӕлӕ мын Уый зоны мӕ фӕндаг, сыгъзӕринау мӕ бафӕлвардзӕн куынцгомы.


Ӕвзистӕн ис ӕрзӕткъахӕн, сыгъзӕринӕн — куынцгом.


Фыдгӕнджытӕ мӕ ныхмӕ куы рацӕуой мӕ буар мын аныхъуырын мондагӕй, мӕ фыдгултӕ, ме знӕгтӕ мӕм куы лӕбурой, уӕд фӕкӕлдзысты ӕмӕ ’рхаудзысты.


Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ Аваддон Дунедарӕджы раз гом сты, уӕлдайдӕр та — адӕмы зӕрдӕтӕ.


Алчидӕр йӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕгыл нымайы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.


Зондджын цагъар йӕ хицауы ӕнӕуаг фыртӕн хицау суыдзӕн, ӕфсымӕртимӕ исбон байуардзӕн.


Адӕймагмӕ йӕ алы фӕндаг дӕр раст фӕкӕсы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.


Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, лӕджы зӕрдӕ та ’ппӕлдӕй атайы.


Ныр уӕ батайын кодтон, фӕлӕ ӕвзисты хуызӕн нӕ — хъизӕмӕртты куынцгомы уӕ сфӕлтӕрдтон.


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм Мӕнӕн сыгъдонӕй уӕлдай нал сты. Се ’ппӕт дӕр, куынцгомы кӕй бавӕрдӕуыд, уыцы къала, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ здыйы, ӕвзисты згъӕрсыгъдоны хуызӕн систы.


Куырыхонтӕй дӕр бирӕтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты.


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan