28 Ӕдылыйы дӕр, куы ницы сдзура, уӕд куырыхоныл банымайдзысты, йӕ дзыхыл куы хӕца, уӕд искӕмӕ зондджын фӕкӕсдзӕн.
Фӕлтау куы ныхъхъус уаиккат, уӕд уый уӕ зондыл дзурӕг уаид.
Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн ӕмӕ, кӕд ницыуал зӕгъинаг стут, кӕд афтӕ хъусӕй лӕудзыстут,
Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.
Хивӕнд, йӕхи цы фӕнды, уый кӕны, раст уынаффӕ куы фехъусы, уӕд та загъд ракъахы.
Ӕдылы дзурын бирӕ фӕуарзы. Адӕймаг нӕ зоны йӕ фидӕн, стӕй, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕнис, уый дӕр. Чи йын ӕй радзура?
Зондцух фӕндагыл куы фӕцӕйцӕуы ӕмӕ йын алы хъуыддаджы дӕр зонд фаг куы нӕ фӕкӕны, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’дылыдзинад раргом вӕййы.
Хуыцауы раз дзырд куы раттай, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй сӕххӕст кӕн. Хуыцау ӕдылытыл нӕ ауды, лӕг хъуамӕ йӕ ныхасӕн хицау уа.