27 Бирӕзонаг ныхас кӕны хъавгӕйӕ, зондджын фидарзӕрдӕ у.
Бирӕ чи дзуры, уый тӕригъӕдӕй йӕхи нӕ бахиздзӕн, йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый зондджын у.
Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.
Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.
Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.
Куырыхон лӕджы сабыр ныхасмӕ хъусын, хицау ӕдылыты ’хсӕн куыд хъӕр кӕны, уымӕ хъусынӕй хуыздӕр у.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.
Уыцы дыргътӕ сты, фарнимӕ чи тауы, уыцы фидауынгӕнджыты рӕстады мыггагӕй.
Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.