Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 17:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Зондджынӕн йӕ цӕстӕнгас — уӕлзонды ’рдӕм арӕзт, ӕдылыйы цӕстытӕ зӕххы кӕрӕттыл зилынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 17:24
10 Iomraidhean Croise  

Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.


Зондджыны зӕрдӕ зонынадмӕ тырны, ӕдылы та йе ’дылы зондӕй ӕфсӕды.


Ӕдылы фыртыл йӕ фыд хъынцъым кӕны, йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.


Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у.


Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Куырыхонимӕ кӕй абардзынӕ? Алцы дын уый хуызӕн чи бамбарын кӕндзӕн? Куырыхоны цӕсгом рухс у, Ӕппӕтхъомыс ын йӕ цӕсгомы хуыз ивы.


Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый.


Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan