21 Ӕдылыйы ныййарӕг — додойаг, зондцухы фыд цин нӕ кӕны.
Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басематы.
Паддзах ныккӕрзыдта, кулдуары сӕрмӕ цы уат уыди, уырдӕм ссыди ӕмӕ дзынӕзта: «Мӕ фырт Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт Авессалом! Ехх, уӕд та дӕ бӕсты мӕхӕдӕг куы амардаин, Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт!»
Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.
Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.
Ӕдылы фыртыл йӕ фыд хъынцъым кӕны, йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.
Ӕдылы лӕппу йӕ фыды фенамонд кӕны; зындзӕрин ус — хуынкъ цары ’нгӕс.
Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, цӕмӕй уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уе ’ппӕты цин дӕр у.
Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй.
Фӕлӕ уыдон сӕ фыды фӕндагыл нӕ цыдысты: мулкӕй нӕ зыдтой ӕфсис, истой гӕртам, кодтой галиу тӕрхон.