2 Зондджын цагъар йӕ хицауы ӕнӕуаг фыртӕн хицау суыдзӕн, ӕфсымӕртимӕ исбон байуардзӕн.
Сӕрды тыллӕг чи ӕмбырд кӕны, уый зондджын лӕппу у, хуымгӕрдӕн афон фынӕй чи кӕны, уый та — ӕдылы.
Йӕ хӕдзарыл фыдбылыз чи ӕфтауы, уымӕн йӕ хай — дымгӕ; ӕдылы лӕггад кӕндзӕн куырыхонӕн.
Паддзах йӕ зондджын цагъарӕн хӕрзаудӕн кӕны, чи йӕ сӕгад кӕны, уый та бафхӕры.
Хус къӕбӕримӕ фидыдӕй цӕрын — хуыздӕр, цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар ӕргӕвст фосӕй йедзаг уа, фӕлӕ дзы хъаугъа ма ’нцайа.
Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.
Йӕ фыды хӕдзар чи сафтид кӕны ӕмӕ йӕ ныййарӕг мады чи суры, уыцы лӕппу — ӕгад ӕмӕ фидиссаг.
Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.
Мӕгуыр ӕмӕ зондджын лӕппу, уынаффӕтӕм чи нӕ хъусы, ахӕм ӕдылы ӕмӕ зӕронд паддзахӕй хуыздӕр у.