Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 17:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис; ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры, цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 17:17
16 Iomraidhean Croise  

Куыд зын у ӕнӕ дӕу, ме ’фсымӕр Ионатан! Ды мӕ ахсджиаг уыдтӕ мӕнӕн; дӕ уарзт мын сылгоймаджы уарзтӕй зынаргъдӕр уыд.


Итай дзуапп радта паддзахӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ард хӕрын мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕй, мӕлӕтӕй царды ’хсӕн кӕмдӕриддӕр уай, уым дӕ цагъар дӕр уыдзӕни демӕ».


Ахӕм рӕстӕг ды дӕ дзыхыл куы ныххӕцай, уӕд иудейӕгтӕн ӕндӕр ранӕй ӕххуыс уыдзӕн, ды та фесӕфдзынӕ, дӕ тъымы-тъымайӕн та дын „мӕн у“ зӕгъӕг дӕр нал уыдзӕн. Кӕд дӕм, мыййаг, паддзахы бадӕн ацы заманы тыххӕй ӕрхауд?»


Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.


Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй, хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты.


Ӕдылы лӕппу йӕ фыды фенамонд кӕны; зындзӕрин ус — хуынкъ цары ’нгӕс.


Мӕгуыр лӕг йе ’фсымӕртӕн дӕр — ӕнӕуынон, йе ’мбӕлттӕ дзы сӕхи хизынц: куы сӕм фӕсиды, уӕд ӕрбайсӕфынц.


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй, чи ссыгъдӕг, уыдон дӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕн нӕ нымайы Чырысти Йӕхицӕн ӕгадыл уыдоны Йе ’фсымӕртӕ хонын.


Фӕлӕ Руф загъта: «Ӕвӕндонӕй дӕ цӕмӕн хъуамӕ ныууадзон? Куыд хъуамӕ ацӕуон дӕуӕй? Фӕлтау, ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн; ды кӕм ӕрӕнцайай, ӕз дӕр уым ӕрӕнцайдзынӕн; дӕ адӕм суыдзысты мӕ адӕм, дӕ Хуыцау та — мӕ Хуыцау.


Ионатан Давидӕй загъта ӕрдхорд, уымӕн ӕмӕ йӕ бауарзта йӕхи удау.


ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Мӕ фыд Саул дӕ марынмӕ хъавы, ӕмӕ-иу райсом сӕумӕйӕ дӕхи бахиз, фӕсвӕд ран-иу бамбӕхс.


Ӕз рацӕудзынӕн, ды кӕм уай, уырдӕм, фӕссахармӕ. Уым мӕ фыды цурмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йын дӕ кой ракӕндзынӕн. Стӕй, цы фехъусон, уый дын радзурдзынӕн».


Ӕмӕ та Ионатан ногӕй ард бахордта Давидӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхи удау уарзта.


Уыцы рӕстӕг Саулы фырт Ионатан араст ис Хорешмӕ, Давидмӕ. Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар, зӕгъгӕ дзы ныфс бауагъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan