Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 17:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 17:14
28 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Сӕхи дӕ цӕмӕн бакодтой не ’фсымӕртӕ, иудейӕгтӕ? Паддзахы дӕр, йӕ хӕдзаронты дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмы дӕр уыдон цӕмӕн ӕрбахизын кодтой Иорданы ацы фарсмӕ?»


Авийа йе ’фсадимӕ израилӕгтӕй бирӕты фӕцагъта, Израилы адӕмӕй тохы быдыры фӕмард ис фондзсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны.


Ремалийы фырт Феках иу бонмӕ иудейӕгтӕй ныццагъта сӕдӕ дыууын мин ӕхсарджын хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Иудейы адӕм сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.


Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.


Сабыр ныхас маст уромы, цӕхгӕр ныхас загъд къахы.


Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.


Хъаугъатӕ уарзӕг тӕригъӕд уарзы, йӕхи чи стауы, уый та ’рхауынмӕ бӕллы.


Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.


Хъаугъатӕй йӕхи дард чи ласы, уымӕн уый — кады хос, алы зондцух та загъд къахынмӕ гӕппӕй лӕууы.


Тӕвдӕн — ӕвзалы, артӕн — сугтӕ, загъдӕргом та — загъд къахынӕн.


Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.


Кӕд уӕ бон у, уӕд алкӕимӕ дӕр цӕрут хӕларӕй.


Зӕрдиагӕй тырнут ӕнӕзӕрдӕхудт цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ архайӕд йӕхи хъаруйӕ, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan