13 Хорз ӕвзӕрӕй чи фиды, уымӕн йӕ хӕдзарӕй фыдбылыз иуварс никуы ацӕудзӕн.
Ныр мыггагмӕ дӕ хӕдзар кардӕй нал сӕдас уыдзӕни, ды Мӕныл кӕй суӕлӕхох дӕ ӕмӕ хеттаг Уриайы усы кӕй байстай, уый тыххӕй“.
Кӕй Мӕ смӕсты кодтай ӕмӕ Израилы адӕмы тӕригъӕдты кӕй бафтыдтай, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ хӕдзаронтӕн бакӕндзынӕн, Наваты фырт Йоровамы хӕдзаронтӕн ӕмӕ Ахийайы фырт Баасайы хӕдзаронтӕн цы бакодтон, уый“.
Уадз, сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕнда, фыдлӕгты къух мӕ, уадз, ма фӕсура.
Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ, ӕдылытимӕ куы баиу уай, уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.
Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»
Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.
Йӕ фыдӕх фыдӕхӕй макӕмӕн фидут. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.
Ионатан йӕ фыд Саулӕн ракодта Давиды хорзы кой. Загъта йын: «Ма бацӕуӕд паддзах йӕ цагъар Давиды тӕригъӕды. Давид ницӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕ разы. Уый нӕ, фӕлӕ ма дын йӕ хъуыддӕгтӕ бирӕ пайда дӕр ӕрхастой.
Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.
Давид йӕхинымӕр дзырдта: «Ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ дзӕгъӕлы фӕхъахъхъӕдтон ацы лӕджы исбон ӕдзӕрӕг быдыры. Сӕфын дзы ницы бауагътон, ныр мын мӕ хорз ӕвзӕрӕй фиды.