1 Хус къӕбӕримӕ фидыдӕй цӕрын — хуыздӕр, цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар ӕргӕвст фосӕй йедзаг уа, фӕлӕ дзы хъаугъа ма ’нцайа.
Уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг, Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ; Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды мын дзуапп ратдзынӕ ӕнӕмӕнг.
Фӕлтау дӕм бирӕ ма уӕд, фӕлӕ дӕм уӕд тас Дунедарӕджы раз, бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд уымӕн тӕрсыны бӕсты.
Уарзондзинад кӕм цӕры, уым сихорыл халсартӕ бахӕрын хуыздӕр у, цӕйнӕфӕлтау — хӕрзхаст гал, ӕнӕуынондзинад кӕм цӕры, уым.
Фӕлтау дӕм иу чысыл исты уӕд, ӕмӕ раст фӕндагыл цу, цӕйнӕфӕлтау — хъӕздыг ӕфтиаг, фӕлӕ — тӕригъӕды фӕрцы.
Зондджын цагъар йӕ хицауы ӕнӕуаг фыртӕн хицау суыдзӕн, ӕфсымӕртимӕ исбон байуардзӕн.
Ӕнӕзонд ӕмӕ загъдӕргом усимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры иунӕгӕй цӕр.
Фыдсылимӕ цӕрыны бӕсты фӕлтау уӕлхӕдзары кӕрон цӕр.
„Абон ӕз фидыды нывӕндтӕ ’рхастон, мӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтон.