Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 16:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Адӕймаг хъуыды кӕны йӕ царды фӕндагыл, фӕлӕ йын йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 16:9
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уый Ахазиайӕн уыди йӕ адзалы бон, уымӕн ӕмӕ афтӕ сфӕнд кодта Хуыцау. Ахазиа Йораммӕ куы ’рбацыди, уӕд иумӕ Нимшийы фырт Йегуйы ныхмӕ хӕцынмӕ рацыдысты, уый та Дунедарӕг байсӕрста паддзахӕй, цӕмӕй Ахавы бинонты ныццӕгъда.


Фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ, о Дунедарӕг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!


Адӕймаджы зӕрдӕ фӕндтӕ кӕны, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр дзуапп Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Фӕлтау дӕм иу чысыл исты уӕд, ӕмӕ раст фӕндагыл цу, цӕйнӕфӕлтау — хъӕздыг ӕфтиаг, фӕлӕ — тӕригъӕды фӕрцы.


Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.


Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы, адӕймаг та йӕ фӕндаг куыд бамбара?


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.


Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы.


«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan