Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 16:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дунедарӕгӕн ӕнӕввӕрсон зӕрдӕ ӕлгъаг у, ӕнӕ ’фхӕрдӕй йӕ, бӕлвырд, нӕ ныууадздзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 16:5
14 Iomraidhean Croise  

Йӕ къӕдзил кедры зӕнгау — фидар, йӕ синты нуӕрттӕ стыхстысты кӕрӕдзиуыл.


Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.


Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.


Дунедарӕг алцыдӕр йӕхи нысанӕн сфӕлдыста, суанг ӕнӕхуыцауы дӕр бӕллӕхы бонмӕ хъахъхъӕны.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.


Уӕдӕ искӕй усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уый дӕр афтӕ — куы йыл бандзӕвы, уӕд ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайы.


Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.


Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Байхъусут лӕмбынӕг, сӕрыстыр ма ут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг дзуры.


Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan