32 Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.
Израилы дӕттӕй Дамаскы дӕттӕ Амана ӕмӕ Парпар бирӕ хуыздӕр куы сты, уӕд мӕ чи нӕ уагъта мӕхи уым цынайын ӕмӕ ссыгъдӕг уын?» Ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй йе ’ргом азылдта, хъуамӕ уыйадыл йӕ хӕдзармӕ аздӕхтаид.
Азгъордтой хӕхтыл, ӕркалдысты фӕзмӕ — Ды сын цы бынат снысан кодтай, уырдӕм.
Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.
Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.
Сӕрыстыртимӕ ’фтиаг дих кӕныны бӕсты, фӕлтау мӕгуыртимӕ цӕр сӕрныллӕгӕй.
Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.
Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.
Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Бирӕбыхст хицауы зӕрдӕ ӕртасын кӕны, фӕлмӕн ныхас стджытӕ дӕр сӕтты.
Йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уыцы адӕймаг, йӕ систӕ цы сахарӕн ныккалдысты, уый хуызӕн у.
Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдианӕй хуыздӕр у; сӕрыстыры бӕсты фӕразон у.
Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.
Фыдӕхӕн сӕттын ма баком, фӕлӕ йыл, хорздзинад кӕнгӕйӕ, уӕлахиз кӕн.
Уӕдӕ уарзон хъӕбултау архайут Хуыцауы ӕнгӕс уӕвыныл.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.
Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.