Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 16:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Цъынддзӕстӕй чи кӕсы, уый фыдвӕндтӕ аразы, йӕ былтыл йӕ дӕндӕгтӕй ӕрхӕц-ӕрхӕц чи кӕны, уый фыдбылызы фӕндтӕ нывӕнды.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 16:30
11 Iomraidhean Croise  

Йӕ цӕстытӕ чи ныкъулы, уый исты фыдбылыз сараздзӕн, ӕдылы ӕмӕ къӕбӕда чи у, уый фыдбылызы бахаудзӕн.


Ӕнаккаг аразы фыдвӕндтӕ, йӕ дзыхӕй цыма пиллон арт кӕлы, уыйау.


Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны, галиу фӕндагмӕ йӕ асайы.


Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.


Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».


Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.


Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, хъусӕй зынтӕй хъусынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой, се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.


Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan