29 Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны, галиу фӕндагмӕ йӕ асайы.
Ӕлхӕнгӕ та йӕ уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, йӕ коммӕ бакӕсон ӕмӕ уыцы тӕригъӕд мӕхимӕ райсон. Уӕд сӕ цӕсты бафтыдаин ӕмӕ цӕрӕнбонты фидиссаг фӕуыдаин.
Ӕнӕхуыцауы ӕвзаг хионыл дӕр нӕ ауӕрды, рӕстуд йӕ зонынады фӕрцы фервӕзы.
Рӕстуд йӕ хионӕн фӕндаг бацамондзӕн, ӕнӕхуыцӕутты цӕуӕнтыл та фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.
Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.
Цъынддзӕстӕй чи кӕсы, уый фыдвӕндтӕ аразы, йӕ былтыл йӕ дӕндӕгтӕй ӕрхӕц-ӕрхӕц чи кӕны, уый фыдбылызы фӕндтӕ нывӕнды.
Фыдгӕнӕджы цардмӕ ма хӕлӕг кӕн, йӕ фӕндӕгтӕй йын иу дӕр ма равзар,
Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уыдӕтты тыххӕй сымах зонут ныридӕгӕн ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, хӕлд адӕмы рӕдыд фӕндагыл куыд нӕ ацӕуат ӕмӕ, фидар цӕуыл лӕуут, уымӕй куыд нӕ фӕиппӕрд уат, афтӕ.
Саул йӕ чапарты арвыста Давиды хӕдзармӕ, цӕмӕй уым йӕ размӕ бабадой ӕмӕ йӕ райсомӕй амарой. Фӕлӕ Давидӕн йӕ ус Мелхолӕ загъта: «Ахсӕв дӕ сӕр куынӕ бафснайай, уӕд дӕ райсом амардзысты».
Уӕд Саул Мелхолӕйы бафарста: «Цӕмӕн мӕ афӕлывтай? Ме знаджы мын лидзын цӕмӕн бауагътай?» Мелхолӕ йын дзуапп радта: «Афтӕ мын загъта: „Ауадз мӕ, кӕннод дӕ амардзынӕн“».