28 Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.
Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.
Ӕнаккаг аразы фыдвӕндтӕ, йӕ дзыхӕй цыма пиллон арт кӕлы, уыйау.
Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны, галиу фӕндагмӕ йӕ асайы.
Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис; ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры, цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа.
Уарзтмӕ чи бӕллы, уый йе ’фхӕрд ферох кӕны; йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый йе ’мбалӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн.
Ӕдылыйы ’взаг загъд къахы, йӕ дзыхы тыххӕй над баййафы.
[Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры, буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.]
Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.
уымӕн ӕмӕ, ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы нӕлхӕ ’взӕры, фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг ракӕлы, маст куы сзынг кӕнай, уӕд та ссудзы хӕрамдзинад.
Йӕ зӕрдӕйы ӕдзух — мӕнгдзинад, йӕ хъуыдыты — фыдвӕндтӕ, ӕдзухдӕр тауы хъаугъатӕ.
мӕнгдзинадӕй чи улӕфы, уыцы мӕнгӕвдисӕн ӕмӕ дыууӕ ’фсымӕры кӕрӕдзиуыл ардауӕг.
Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ;
Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ…
Уӕд Давид дӕр лӕгӕтӕй рацыди ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Паддзах, мӕ бардарӕг!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.