26 Кусӕг лӕг стонг куы феййафы, уӕд йӕ фӕллад суадзынӕн йӕхицӕн бар дӕр нал фӕдӕтты.
Алы уӕззау куыстӕй дӕр исты ’фтиаг разыны, дзӕнгӕдайӕ та — ӕрмӕст мӕгуырдзинад.
Иуӕй-иу фӕндаг адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.
Ӕнаккаг аразы фыдвӕндтӕ, йӕ дзыхӕй цыма пиллон арт кӕлы, уыйау.
Кӕд куырыхон дӕ, уӕд дын дӕ уӕлзонд пайда хӕссы, кӕд ӕдзӕсгом, уӕд та дӕхӕдӕг фыдӕбон бавзардзынӕ.
Адӕм се ’ппӕт дӕр кусынц, цӕмӕй сӕ гуыбынтӕ бафсадой, фӕлӕ сӕ удтӕ та не ’фсӕдынц.