25 Иуӕй-иу фӕндаг адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.
Ӕдылымӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы, куырыхон та уынаффӕтӕм хъусы.
Рӕстуд йӕ хионӕн фӕндаг бацамондзӕн, ӕнӕхуыцӕутты цӕуӕнтыл та фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.
Адӕймагмӕ иуӕй-иу фӕндаг раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.
Кусӕг лӕг стонг куы феййафы, уӕд йӕ фӕллад суадзынӕн йӕхицӕн бар дӕр нал фӕдӕтты.
Фарисейтӕй уым Йӕ разы чи уыди, уыдон уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Ӕй бафарстой: «Ау, мах дӕр куырмытӕ стӕм?»
Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у.
Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут.