Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 16:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 16:24
18 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, ратт уӕлахиз паддзахӕн! Фӕдисхъӕр Дӕм куы ныккӕнӕм, уӕд-иу нӕ фехъус!


Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.


Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!


Дунедарӕгӕн фыдвӕндтӕ ӕлгъаг сты, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг сты Йӕ разы.


Зӕрдӕйы цин — ӕвдадзы хос, ӕрхӕндӕг зӕрдӕ стджытӕ бахус кӕны.


раст ныхас дӕ куы хъуыса, уӕд мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй райдзӕн.


Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.


уӕд дӕ буар уыдзӕн ӕнӕниз, де стӕг — фидар.


уымӕн ӕмӕ уыдон, чи сӕ схайджын ис, уымӕн цард дӕттынц, ӕгас буарӕн — ӕнӕниздзинад.


Хуыцауы ныхас амонӕг архайдта аив ныхӕстӕ ссарыныл, ӕмӕ, ӕцӕгдзинад цы дзырдты ис, уыдон ныффыста раст.


О, мӕ къайаг! Дӕ былтӕ — адджындӕр мыдӕй, де ’взаджы бынӕй тӕдзы ӕхсыр ӕмӕ мыд, дӕ дарӕсы тӕф — ливайнаг нӕзыты хӕрздӕфау.


Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!


Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.


Ӕз зӕды къухӕй чиныг райстон ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау уыди адджын; куы йӕ бахордтон, уӕд та дзы мӕ хуылф смаст ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan