22 Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар.
Рӕстуды ӕвзаг — дзӕм-дзӕмы суадон, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.
[Мӕнгард фырт хорзӕй ницы ссардзӕн; ӕмбаргӕ цагъар йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын.]
Дунедарӕгӕй тас — царды гуырӕн, уый фӕрцы мӕлӕты ахсӕн хызӕй фервӕздзынӕ.
Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.
Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.
Йӕ зӕрдӕйы уӕлзонд кӕмӕн цӕры, уый зондджын хондзысты; йӕ дзыхы ныхас ӕхцон кӕмӕн у, ууыл фылдӕр ӕууӕнддзысты.
Куырыхон йӕ зонды фӕрцы, цы зӕгъа, уый ссардзӕн, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ уырнинагдӕр уыдзысты.
Адӕймаджы ныхӕстӕ — арф доны ’нгӕс; уӕлзонды донгуырӕн цӕугӕдонау кӕлы.
Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ сафӕг, йӕ бырынкъ — йӕ ахсӕн хыз.
Уыдоны фӕрцы цӕрдзынӕ, дӕ хъуырыл сӕ бакӕндзынӕ фӕрдгуытау.
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ.
Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ куы сты мыггагмӕйы царддӕттӕг ныхӕстӕ.