21 Йӕ зӕрдӕйы уӕлзонд кӕмӕн цӕры, уый зондджын хондзысты; йӕ дзыхы ныхас ӕхцон кӕмӕн у, ууыл фылдӕр ӕууӕнддзысты.
уый тыххӕй дын ӕххӕст кӕнын дӕ курдиат. Дӕттын дын ӕмбаргӕ зӕрдӕ ӕмӕ куырыхон зонд; дӕ размӕ чи уыд, уыдоны ’хсӕн демӕ абарӕн дӕр никӕй ис, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр дӕуӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн.
Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.
Зондджынӕн йе ’взагыл уӕлзонд цӕры, ӕдылыйӕн та йӕ фӕсонтыл уисӕй над ауайы.
Ӕдылы чъизи митыл цин кӕны, зондджын та — уӕлзондыл.
Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст, дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у, уый та фыдбылызы бахаудзӕн.
Куырыхоны ’взаг зонынад тауы, ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.
Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар.
Мӕ лӕппу, куырыхон куы уай, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн;
Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.
Хуыцауы ныхас амонӕг архайдта аив ныхӕстӕ ссарыныл, ӕмӕ, ӕцӕгдзинад цы дзырдты ис, уыдон ныффыста раст.
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».
Йесо ма ноджы загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй.
Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»
Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы Адӕймаг куыд ныхас кӕны, афтӕ никуы ничи дзырдта».
Фарны Уацыл ӕнувыд кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у, ӕмӕ ӕз дӕр цин кӕнын ууыл. Фӕнды мӕ, цӕмӕй сымах хорздзинад саразынмӕ уат зондджын, фыддзинадмӕ та уат ӕнӕхин.
Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.