2 Алчидӕр йӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕгыл нымайы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.
уыдон рӕхджы бахус уыдзысты кӕрдӕгау, баруайдзысты зайӕгхалау.
Ӕдылымӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы, куырыхон та уынаффӕтӕм хъусы.
Иуӕй-иу фӕндаг адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.
Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.
Адӕймагмӕ йӕ алы фӕндаг дӕр раст фӕкӕсы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.
Ды зӕгъдзынӕ: «Ӕмӕ мах уый тыххӕй куы ницы зыдтам!» Фӕлӕ зӕрдӕтӕ Фӕлварӕг, ау, ницы зоны? Дӕ цард Хъахъхъӕнӕг зоны алцыдӕр, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзӕн.
Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.
Дунедарӕг адӕймагӕн йӕ алы фӕндаг дӕр уыны, йӕ алкӕцы фӕндагмӕ дӕр ын Йӕ цӕст дары.
Рӕстаг лӕгӕн йӕ фӕндаг раст у — Дӕхӕдӕг ӕй кӕныс рӕствӕндаг.
Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».
ТЕКЕЛ — „Тӕрӕзтыл барст ӕрцыдтӕ, ӕмӕ дӕ ӕппындӕр ницы уӕз ис“.
Бафарста Дунедарӕджы зӕд: «Цӕй тыххӕй фӕнадтай дӕ хӕрӕджы ӕртӕ хатты? Уый Ӕз рацыдтӕн дӕ размӕ, цӕмӕй дӕ бакъуылымпы кӕнон, уымӕн ӕмӕ раст нӕ кӕныс Мӕ разы.
Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.
Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Хуыцауы фырт, Йӕ цӕстытӕ пиллон артау Кӕмӕн сты, Йӕ къӕхтӕ зынг ӕрхуыйау Кӕмӕн ӕрттивынц, Уый:
Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.
Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди, ӕмӕ алчидӕр кодта, цы йӕ фӕндыд, уый.
Ӕртӕсӕдӕ лӕджы дон сдӕрдтой се ’взагӕй, иннӕтӕ иууылдӕр сӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ дон къухӕй нуӕзтой.
Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».
Схъӕл ныхӕстӕ ныууадзут, къӕйных ныхас ма схауӕд уӕ дзыхӕй, — Дунедарӕг алцызонӕг Хуыцау у, алы хъуыддагӕн дӕр аргъгӕнӕг Уый у.